Змейкæйы ныр 20 азы дæргъы фæндæгтæ цалцæггонд нæ уыдысты
Сæрды ралæудмæ станицæйы цæрджытæ æхсызгонæй фенхъæлмæ кæсынц. Æрмæст хъарм рæстæг вæййы фадат Александр Бондарьы уынгты сыгъдæгæй ауайын. Къæвдаты афон дзы цъыфæй азмæлæнтæ нæ вæййы. Фæндаг бындуронæй сцалцæг кодтой 20 азы размæ. 2017 азы донивылды фæстæ фæндаг бынтон ныппырх. Ацы аз мартъийы та дзы коммуналон службæйы кусджытæ ивтой дондзæуæн хæтæлтæ, уый дæр уавæрыл æвзæры 'рдæм фæзынд. Адæм сидынц æххуысмæ. Ацы уынджы хæдтулгæйыл æрцæуын æнцон хъуыддаг нæу. Бынæттон цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ бон таксимæ фæдзурын дæр нæу. Шофыртæ Бондарьы уынгмæ цæуын хъæуы куы фехъусынц, уæд нал бакомынц. Уыцы фарста ма кæд исты хуызы аиуварс кæнæн ис, уæд фæндаг нæй æвæстиаты службæты хæдтулгæтæн дæр. Фæндаджы уавæрæй æрмæст нæ тыхсынц уæзласæн хæдтулгæты шофыртæ. Уыдон нæ цъыфæй тæрсынц, нæ дзыхъытæй. Уый дæр ма афтæ фæуæд, фæлæ уæззау транспорт асфальты уæлцъар нывзæр кодтой. Фарста аиуварс кæныныл архайынц хъæуы администрацийы, æххуысы фæдыл фæсидынц районы хицауадмæ. Хъæуы иу аиуварсгæнинаг фарста ма станицæйы дыууæ хайы цы хид бæдты, уый уавæр. Донивылдтытæ йæ бахъыгдæрдтой. Ныртæккæ адæм иу фарсæй иннæмæ ахизынц хæдтулгæтæн конд хидыл, науæд та сæ фæндаг фæцыбыр кæнынц мæнæ ацы хиконд цæхгæр гарзы фæрцы. Ныййарджытæ тыхсынц, уымæн æмæ сывæллæттæ та скъоламæ цæугæйæ рахизынц стыр фæндагмæ. Змейкæйы цæрджытæ зæрдæ дарынц, республикæйы разамынд сæм се 'ргом кæй раздахдзæн. Афтæмæй, бирæ азты цы фарстатæ сæмбырд, уыд кæд иуварсгонд æрцæуиккой.