Вице-премьер Дмитрий Патрушев Президентæн радзырдта хъæууон хæдзарады къабазы райрæзты тыххæй
Фæстаг 10 азмæ агропромышленнон комплекс сси бæрзондтехнологон къабаз, раззагдæр хъуыдытæй æнтыстджынæй кæм пайда кæнынц, ахæм. Бæстæйы вице-премьер Дмитрий Патрушев президент Владимир Путинæн радзырдта, хъæууон хæдзарады фæсарæйнаг продукци бынæттонæй цы хуызы æмæ куыд тагъд ивынц, уый тыххæй. Паддзахады æххуысы 'руаджы саразын бантыст æмбæлгæ æмæ æнцон уавæртæ кусынæн. Уый фæрцы базарадмæ рацыдысты бирæ уæрæсейаг куыстуæттæ. 2014-æм азæй хъæууон хæдзарады кондад сырæзт 33%. Фæстаг 5 азмæ хоры тыллæг æрвылаз вæййы 120 млн тоннæйæ фылдæр. Къухы бафтыд халсартæ хъæрмуæтты зайын кæныны архайд сног кæнын. 140 мин гектарæй фылдæр сагъд æрцыд дыргъдæттæ. Фæстаг 10 азмæ 35% фæфылдæр кодтой струвос æмæ мæргътæ дарыны куысты бæрæггæнæн, 13% та æхсыры рауагъдад. Сарæзтой æмæ рацарæзтой 3,5 мин фермерон комплексы. Фæбæрзонддæр стуры фыд уадзыны бæрæггæнæн дæр. Зетийы бæрц фæфылдæр 2,5 хатты. Аграрийтæн паддзахады æххуыс фæфылдæр кодтой 500 млрд сомы онг афæдзмæ. Дмитрий Патрушев куыд фæнысан кодта, афтæмæй Уæрæсе йæхæдæг уадзы хойраджы æппæт хуызтæ дæр.