Хъыбызты Фердинанды номыл бæхыл бадынæй ерыстæ кæронмæ æрхæццæ сты

Хъыбызты Фердинанды номарæн ерыстæ бæхыл бадынæй кæронмæ æрхæццæ сты. 15 архайæгæн аргъ кодтой æппæтуæрæсеон къæпхæнимæ 10 тæрхонгæнæджы. Сæ арæхстдзинад равдыстой барджытæ Краснодары край æмæ Цæгат Ирыстонæй. Программæйы ирд æмæ зын дисциплинæтæ - манежыл цыд, кросс æмæ конкур. Кира Иванова бацахста фыццаг бынат æмæ сæрды архайдзæн скъоладзауты спартакиадæйы Мæскуыйы. Сыгъзæрин ма ис Арина Луценкомæ. Уæлахизмæ бирæ нал хъуыд Хортиты Аннæйы дæр, бронзæ ис Хъуысаты Аланмæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууæн кæндзыстæм, тагъд Дзæуджыхъæуы сараздзысты дыууæ егъау старты - Кубок æмæ Уæрæсейы чемпионат.

Иконка канала IRYSTONTV
1 367 подписчиков
12+
18 просмотров
3 дня назад

, чтобы оставлять комментарии