Мæздæджы районы кусы æхсыры завод
Мæнæ ацы аппаратæй райдайы цехы æппæт архайд дæр. Йе 'руаджы цалдæр секундмæ хомаджы температурæ схизы 90 градусмæ, æруазал вæййы цыппар градусмæ. Хом æхсыр дæр уадзынц ацы кусæнгарзы уылты. Минуты 'рдæгмæ продукт вæййы цæттæ. Ам къæддæр нысаниуæг нæй упаковкæгæнæн гарзæн дæр . Туаг æхсыр упаковкæ кæныны агъомæ ацæуы лæмбынæг æркаст. Ахсджиаг у продукцийы цæттæдзинад бæлвырд раиртасын. Æппæт хомаг дæр у æнæ хъацæнтæй, хæрзхъæд. Цехмæ æрбаласынц æхсыр, ныккæнынц æй сæрмагонд бынаты. Уый фæстæ скусын кæнынц æхсыр цъирæн гарз. Æппæт архайдæн бахъæуы цалдæр минуты. Уый нырыккон ифтонггæрзты руаджы. 2 тоннæйы æхсыр ацæудзæн минут æмæ æрдæгмæ. Хъæууонхæдзарадон кооперативтæй иу райста грант сæ хъæппæристæ сæххæст кæнынмæ. Куыстуат ис Мæздæджы районы. Уадзынц æхсыр, æхсыры сæртæ, туаг æхсыр æмæ ирон цыхт. Нырма уал сты фыццаг къæпхæныл. Суткæмæ уадзынц продукцийы 10 тоннæйы. Инвестор фæнд кæны æххæст хъомысæй кусын — 50 тоннæйы онг. Продукци балхæнæн ис республикæйы алыхуызон дуканиты. Цæрджытæн зæрдæтæм цæуы. Специалисттæ ныхæстæм гæсгæ, тагъд рæстæджы товар уыдзæн егъау федералон дуканиты дæр. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ хæрзхъæд продукци балхæнын сæ бон уыдзæн алкæмæн дæр.