"Осетия-Ирыстон" ратæлмац кодта мультипликацион киноныв "Шушумаги"
Хæлардзинадæн аргъ кæнын, æрдзыл аудын æмæ хъæлдзæг цауты архайын. Æмæ æппæт дæр ирон æвзагыл. Мультипликацион кинонывы æвдыст цæуы чызджыты къорд лагеры улæфгæйæ алæмтæты хъæдмæ куыд бахаудтой, уый. Уыцы хъæды цæрынц мад Шама, йæ цот - шушутæ æмæ æндæр æнахуыр цæрæгойтæ. Проектыл куысты прфессионалты къорд. Йæ хъайтартæ иронау сдзырдтой Ирон академион театры актерты, стæй Национ телекомпани "Осетия-Ирыстон"-ы амонджыты хъæлæсты фæрцы. Къордæн сæйрагдæр уыд сывæллæтты миддуне банкъарын, сæ зæрдæтæм сын фæндаг ссарын. Уыимæ базонын нырыккон дуджы сабитæ фылдæр цæмæ разæнгард кæнынц, уый. Проектыл архайд цыд дыууæ мæйы дæргъы. Сæйрагдæр уыд мультипликацион кинонывæн йæ хъуыды ма фесафын, хъæлæстæ кæрæдзиуыл сæвæрын. Дæсныты къорд сæхиуыл æнæ ауæрдгæйæ кæй архайдтой, уый руаджы сæ куыст рауад æнтыстджын. Ацы проекты сæйраг нысан у ирон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ йæ парахат кæнын. Цæмæй сабитæ сæ мадæлон æвзагыл дзурой. Уый тыххæй актертæ ацы проектæн уæлдай аргъ кæнынц. Абон Вахтанговы хæдзары мульткиноныв кадджын уавæры равдыстой. Аргъ ын скодтой æхсæнадон архайджытæ,ирон æвзаг иртасджытæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ, æрыгон блогертæ æмæ сæйрагдæр сабитæ. Сæйрагдæр у, цæмæй чысыл аивадуарзджытæ разыйæ баззайой. Абон ын уыдис официалон презентаци, æвдисын та йæ райдайдзысты райсомæй фæстæмæ ахæм фæткмæ гæсгæ: фæлладуадзæн бонты - 8 æмæ 13 сахатыл, кусгæ бонты та - 8:00-ыл æмæ 13 сахаты хабæртты фæстæ. Телевизормæ кæсджытæм æдæппæтæй æнхъæлмæ кæсы 26 серийы.