Иухуызоны уавæрты æхсæнады цæрынæн аразыны фæдыл бацæттæ кодтой Дзæуджыхъæуы
"Хъыгдæрд æнæниздзинадимæ адæмы бартæ æнцонвадат уавæрты цæрынæн" доклад бацæттæ кодтой Дзæуджыхъæуы. Специалисттæ сарæзтой мониторинг, æвæстиатæй бакуыстой лыггæнинаг фарстатæ аивуварс кæныныл. Ацы хъуыддагыл архайдтой афæдзы 'рдæг. Документы фыст æрцыдысты ныры онг зонгæ цы бæрæггæнæнтæ уыдысты, уыдон дæр. Президенты Указы фæстæ та ма йæм бафтыдтой Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ-инвалидты тыххæй хай. Адæмы бартæ хъахъхъæнæг Цгъойты Тамерлан куыд фæнысан кодта, афтæмæй сæйраг хæс у информаци парахат кæнын, инвалидтæн сæ фатертæй æнæ искæйы æххуысæй æддæмæ рацæуын зын кæй у, уый фыццаг ахсджиаг фарста. Пандустæ кæнæ уæвгæ нæ вæййы, кæнæ та раст конд не рцæуынц æмæ дзы адæймагæн йæ бон схизын нæ вæййы. Доклад ныммыхуыр кодтой социалон хызæгты æмæ йæ арвыстой республикæйы сæргълæууæгмæ. Фарстамæ æргом аздыхдзысты Парламенты æмбырды дæр, уæмæй æмбæлгæ мадзæлттæ сæххæст кæнын бантыса.