Хуссар Ирыстон бæрæг кæны йæ хæдбардзинады бон

Хуссар Ирыстон бæрæг кæны йæ хæдбардзинады бон. 26-æм августы 2008-æм азы Дмитрий Медведевы уынаффæмæ гæсгæ Уæрæсе Хуссар Ирыстоны банымадта хæдбар паддзахадыл. Ахæм уынаффæ рахастой Гуырдзыстоны æфсæддонтæ Цхинвалмæ куы æрбабырстой уый фæстæ. Уæд Хуссар Ирыстон Уæрæсемæ фæсидт йæ курдиатимæ, цæмæй йæ хæдбарыл банымайой. 2008-æм аз сси бирæ азты дæргъы адæм цы историон рæстдзинадмæ æнхъæлмæ кастысты, уый нысан. Ирон адæмы сабыр царды райдаин сæхи зæххыл. Уæрæсейы фæстæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымадтой Никарагуа, Венесуэлæ, Науру æмæ Сири. Ахсджиаг цауы агъоммæ арæзт æрцыд дыууæ æппæтадæмон референдумы. Абон Цхинвалы бæрæгбоны фæдыл арæзт цæуы бирæ мадзæлттæ. Фыццаджыдæр дидинджытæ сæвæрдтой республикæ хъахъхъæнджыты мемориалон комплексы цыртдзæвæны цур. Кадджын мадзалы архайдтой республикæйы уазджытæ. Ацы боны фæдыл Хуссар Ирыстоны цæрджытæн арфæ ракодта Сергей Меняйло. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы цау ахсджиаг у Цæгат Ирыстоны цæрджытæн дæр. Хуссар Иры адæмæн йæ зæрдæ зæгъы сабырдзинад, фарнамонд æмæ рухс фидæн.

Иконка канала IRYSTONTV
1 347 подписчиков
12+
21 просмотр
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии