Сергей Меняйлойы номæй канцелярон гæрзтимæ лæвæрттæ райцысты 9,5 мины

Цымыдисаг хъуыды сæххæст кæнынæн бахъуыд цалдæр мæйы. Регионы сæргълæууæгæй фыццагкъласонтæн æмбырдгæндтæ бацæттæ кодта бынæттон рауагъдад. Рауадысты цымыдисаг æмæ ирд. Бæстонæй бакуыстой алы лыстæгдзинадыл дæр. Ууыл та архайдта нывгæнæг Джабиты Роман. Цыргъгæнæн, фыстхалæн, линейкæ, алыхуызон кърандæстæ, пластилин æмæ чингуытæн закладкæтæ. Алы предмет дæр фыст у уырыссаг æмæ ирон æвзагыл. Æмбырдгонды ис 46 канцелярон дзаумайы, уымæй уæлдай ма арфæйы ныхæстæ Сергей Меняйлойы номæй. Ацы аз ахæм æмбырдгæндтæ райсдзысты æппæт республикæйы 9,5 мин фыццагкъласоны. Комплекты дизайн у этникон хуызы, уый Цæгат Ирыстоны 100 азы равзæрды кадæн. Иу ахæм комплекты аргъ мин æмæ 600 сомы. Проект æххæстгонд æрцыд республикон фæстауæрцгæнæн фонды фæрæзтæй. Националон хуызы ирд æмбырдгæндтæ пайда уыдзысты сывæллæттæн нæ культурæйы тыххæй базонын, æмхиц сæ кæны нæ истори æмæ æгъдæуттæм.

Иконка канала IRYSTONTV
1 348 подписчиков
12+
8 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии