Сергей Меняйлойы разамындæй ацыд радон аппаратон æмбырд

Ацы къуыри Уæллаг Зджыды байгом кæндзысты дохтыры кабинет. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй дæрддзæф хъæуты медицинон кусæндæттæ æмæ афтечы пункттæ дарддæр ифтонг кæнынц. Иу темæ ма - æхсæнадон фæзуæтты райрæзт. Афæдзы кæронмæ фæнд кæнынц сиав кæнын Дзæуджыхъæуы Центрон парчы сывæллæтты раздæры цады цур фæзуат. Ныртæккæ дзы цæуынц сыгъдæггæнæн куыстытæ. Дзæуджыхъæуы администрацийæн ратдзысты æркæсын кæмæ хъæуы, ахæм проекттæ. Хуыздæр равзардзысты æхсæнадон æркастыты. Сергей Меняйло бабар кодта йæ сæххæст кæнынмæ æвæстиатæй бавналын. Уыимæ ма сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ хъæуы муниципалон автобустæн æмæ маршруткæтæн сæрмагонд æрлæууæн бынат æфсæнвæндаджы вокзалы цур саразын. Зæгъын хъæуы уый, æмæ дзы цы бынат ис, уый ис хицæн адæймæгты къухты. Сергей Меняйло бабар кодта профилон комитетæн объекты документтæм æркæсын æмæ уавæры фæдыл хъуыдытæ зæгъын.

Иконка канала IRYSTONTV
1 366 подписчиков
12+
16 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии