Æрыгон ахуыргонд Цæрикъаты Зауырбег райста регионы сæргълæууæджы преми

Картофы хуызтæ Цæрикъаты Зауырбег раиртасы фыццаг бакастæй пробиркæты. Ирон хуыз, Джулия, Фарн, Деон æмæ Фыййагдойнаг. Лæппу гибридтимæ ныр цалдæр азы кусы. Йæ сæйраг хæс у, цæмæй зайæгойтæ хорз рæзой, уой хæрзхъæд æмæ æнæниз. Уымæн та æххуыс сты пайдайаг хъацæнтæ. Уыдоныл æнтыстджынæй архайы специалист. Картофы алы хуызæн дæр хъæуы хицæн хъæугæ элементтæ. Хæрзæрæджы Зауырбеджы куыстæн стыр аргъ скодтой. Æрыгон ахуыргонд сси регионы сæргълæууæджы премийы аккаг. Картофы ног гибрид саразын æнцон хъуыддаг нæу. Хæххон аграрон университеты ацы хъуыддагыл рагæй архайынц. Ацы лабораторийы та бæрæг кæнынц картофы хуызты хæрзхъæддзинад. Цæст дарынц, цæмæй дзы ма уа бактеритæ æмæ хæцгæ низтæ. Ам лабораторийы картофы мыггагыл куы бакусынц, уæд æй арвитынц хъæрмуатмæ, цæмæй дарддæр уым рæза. Ахæм лæмбынæг цæстдарды руаджы картоф æрзайы канд хæрзхъæд нæ, фæлæ ма фæфылдæр вæййы йæ бæрц дæр, зæгъы ахуыргонд. Ацы гибридтæ балхæнынц раззагдæр компанитæ æмæ сæ зайын кæнынц хæххон фæзуæтты. Æрыгон ахуыргонд ма фæнд кæны гагадыргъты культурæтæ парахат кæнын дæр. Бакусдзæн æрыскъæф, мæнæргъы æмæ къабузæджы хуызтыл. Ацы куыстæн университеты арæзт æрцыд æппæт уавæртæ, ис дзы хъæугæ кусæнгæрзтæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 344 подписчика
12+
13 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии