Армянская уынджы цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ

Инфраструктурæйы райрæзтыл архайынц Дзæуджыхъæуы дæр. Армянская уынджы фæндаг цалцæг кæнынц Ватутины номыл уынгæй Рождественская хайы онг. Систой фæндаджы уæлцъар ног технологийы 'руаджы хæрдзтæ сты къаддæр, уыимæ куыст цæуы тагъддæр. Уаццагы баивтой бордюртæ. Ссыгъдæг кодтой къæвдаты дон æмбырдгæнæнтæ, сцалцæг кодтой бацæуæнтæ. Ныртæккæ æвæрынц асфальты фыццаг цъар - 480 метрыл. Куыстытæ æххæстгæнæг куыд зæгъы, афтæмæй фæндаг 5 азы дæргъы уыдзæн хорз уавæры. Цалцæг цæуы "Æдас æмæ хæрзхъæд автомобилон фæндæгтæ" национ проектмæ гæсгæ. Куыстытæ æххæст кæнынц 'мгъуыдмæ гæсгæ, кæд зындзинæдтимæ æмбæлынц сæ архайды, уæддæр.

Иконка канала IRYSTONTV
1 347 подписчиков
12+
53 просмотра
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии