Махческы культурæйы хæдзар у бындуронæй цалцæггæнинаг
Махческы культурæйы хæдзары уавæр сагъæсы 'фтауы. Нырмæ дæр куыд лæууы æмæ куыд кусы, уымæй. Хъæуы йæ бындуронæй рацаразын. Мæргътæ дзы уæгъдибарæй ахстæттæ кæнынц. Рагæй ам æрцардысты. Бæстыхайы рудзгуытæ пырх, къултæ афаз сты. Кæд ахæм уавæрты æнцон архайæн нæу, уæддæр культурæйы хæдзары кусы фондз специалисты сæ сæргъы Цориты Ингæ, афтæмæй. Ацы ран кæдфæндыдæр уыдис хъæуы цæрджытæ зæрдиагæй кæм æмбырд кодтой, ахæм бынат. Уыдис дзы бирæ секцитæ æмæ сфæлдыстадон къордтæ. Уыцы хорз рæстæг Синаты Кларæ хорз хъуыды кæны. Культурæйы хæдзары 50 азæй фылдæр кусы. Уæд иу клубы 25 сабийæ фылдæр уыд. Ныр сæ хъомылгæнинæгты нымæц 10-мæ дæр нæ хæццæ кæны. Бынæттон цæрджыты тынг фæнды клубы раздæры кад раздахын. Йæ бæллицаг фидæнмæ йын æнхъæлмæ кæсынц канд Махческы цæрджытæ нæ, фæлæ æгас Æрæфы район дæр. Ардæм зæрдæргъæвдæй алкæддæр цыдысты сыхаг хъæуты сывæллæттæ дæр. Культурæйы хæдзарæн хъæздыг истори ис. Сæ аивадон къорды æнтыстдзинæдтæ æрмæст районыл нæ хъуысыдысты, фæлæ æгас республикæйыл дæр. Драмон, уадынгæрзты æмæ аив кæсджыты къордтæй уæлдай мæ сæм ис æрмдæсныты секци дæр. Кæстæртæй уæлдай ма æмбæлгæ уавæртæм тырнынц Культурæмæ æмæ йæ райгуырæн хъæумæ уарзондзинад æгæрон кæмæн у, уыдон. Дæрддзæф хъæуты, куыд зонæм, афтæмæй хи ирхæфсынæн бирæ фадæттæ нæй, уымæ гæсгæ ацы бынаты æхсызгонæй æмбæликкой хистæртæ дæр. Уавæры тыххæй зонынц республикæйы культурæйы министрады дæр. Уым зæрдæ бавæрдтой, фарста аиуварс кæныныл кæй кусынц, уымæй. Нæ зæрдæ дардзыстæм, Махческæн сæ культурæйы хæдзар цы рæсугъд ран æрбынат кодта, афтæ аив æмæ цæхæр калгæ уыдзæн бæстыхай йæхæдæг дæр. Сæ куысты æнтыстдзинæдтимæ уæ та нæ телеуынынады эфирты, æнæмæнг, зонгæ кæндзыстæм.