Цæгат Ирыстоны æнтысджынæй кусы сывæллæтты фыццаг такси
Уый ныййарджытæ сæйрагдæр та сывæллон иу шофырыл куы сахуыр вæййы, уæд. Сæрмагонд тариф арæзт у йæ сабийы æдасæй бынатмæ фæхæццæ кæнын кæй фæнды, уыцы мадæлтæн. Шофыр сывæллоны сæмбæлын кæны хъомылгæнæгмæ, ахуыргæнæгмæ кæнæ та тренермæ. Ис дзы уæлæмхасæн опцитæ дæр. Рæвдауæндоны кæнæ спортивон скъолайы сывæллоны уæлæдарæс раивын. Сывæллæтты такси Цæгат Ирыстоны у фыццаг. Бедойты Жаннæ дзы æрæджы райдыдта кусын. Чысыл бæлццæтты зæрдæтæм фæндаг уайтагъд ссары.. Каринæйыл цæуыл 6 азы. Бедойты Жаннæ йæ хорз зоны фæндагыл сывæллоны цæмæй ирхæфсæн ис, уый. Рæстæг тагъддæр ацæуы. Хæдзарæй рæвдауæндонмæ фæндагæй рауайы цымыдисаг балц. Шофыр йæхæдæг у цыппар сывæллоны мад, уымæ гæсгæ йын æппæт лыстæгдзинæдтæ дæр зонгæ сты. Зæгъæм, сывæллон куы скæуа, уæд хъæуы бауромын æмæ йæ бафæрсын цæмæй тыхсы, уымæй. Аххосæгтæ вæййынц алыхуызон. Гæнæн ис, æмæ дзы цыдæр фæриссы, кæнæ йæ дон æй хъæуы, науæд та цæмæй дæр фæтарст. Сабийы фæлмæн ныхасæй фæхъæуы æрсабыр кæнын. Ахæм куысты шофырыл стыр бæрнондзинад æмæ хæстæ æвæрд ис. . Шофыртæ-сылгоймæгтæ сæхæдæг сты мадæлтæ. Уымæ гæсгæ, сабитимæ ахастдзинæдтæ рацарзын, сæ миддуне сын бамбарын зын нæу. Кусджыты фылдæр хай сты сывæллон хъомыл кæныны фæдыл отпусчы, Се 'хсæн Бедойты Жаннæ дæр. Сылгоймагæн ацы дæсныйад у уæлæмхасæн. Йæ зæрдæмæ цæуы. Ам сæйрагдæр у чысыл бæлццæттæн æппæт уавæртæ саразын. Автонянятæ кæй хонынц, уыдон ныридæгæн кусынц æппынкъаддæр æртыгай азтæ, фæндаггон фыдбылызты нæ бахаудысты. Куыстуатмæ исгæйæ ам хынцынц алы лыстæгдзинад дæр. Ахсджиаг критериты 'хсæн кусæджы хæдтулгæйы уавæр. Хъуамæ уа æдас, техникон æгъдауæй цæттæ. Сыгъдæг салоны кæддæриддæр вæййы автокресло. Сывæллон вæййы æнæмæнг гарзæй фидаргонд. Таксийы хицæуттæ кæддæр сæхæдæг сæмбæлдысты сабиты æдасæй ласыны зындзинадимæ. Хъæуы йæ ахуыртæм, тренировкæтæм кæнæ хиуæттæм уазæгуаты фæхæццæ кæнын. Ныййарджытæ та сты куысты. АФтæ фæзынд сывæллæттæн такси саразыны хъуыды. Фыццаг рæстæг куыстой æрмæст хæтæлæй бадзургæйæ, ныр сын фæзынд уæлæфтуан дæр. Ныридæгæн горæты кусы 12 шофыры. Автоняняты нымæц кæндзысты фылдæр. Фæнды сæ аххæссын районтыл дæр. Кусджыты штат æххæстæй бацæттæ кæндзысты сентябры онг. Куыстуаты хицæутты ныхæстæм гæсгæ, сæ лæггæдты аргъ зынаргъ нæу. Сæйрагдæр та уый у, æмæ сæ ныййарджытæ кæддæриддæр зоныдзсты сæ сывæллон æдас ран кæй ис, уый.