Къобæгты фарста, Роман Алиевы хæрзиуæг æмæ "Осетия-Ирыстон"-ы сфæлдыстадон æнтыстытæ I Йæ рæстæгыл
Цæгат Ирыстоны адæмы бартæ хъахъхъæнæг æххæстбарджын Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрмæ арвыста фыстæг Къобы цæрджыты бартæ бахъахъхъæныны тыххæй. Цæуыл сæ зæрдæ дарынц тырсыгоймæгтæ, ууыл дзурæм нæ программæйы. Бельгийы ныр, гæнæн ис, æмæ сæхи цæстæй уындзысты "Ирыстоны намысæн" майдан. Йæ риуыл æй дардзæн Бельгийы хъазахъхъæгты штабы атаман, булкъон Роман Алиев. Йемæ ныхас кæнæм "Йæ рæстæгыл". Телеканал "Осетия-Ирыстон"ы- кусджыты фæрцы иронау сдзырдтой уæрæсейаг мультфильм "Шушамагия"-йы хъайтартæ. Нæ студийы ныхас кæнæм, кæй хъæлæсæй сдзырдтой, уыцы артисттимæ. Телеканалы иннæ къорд та сфæнд кодта музыкæйы фæндагыл æрлæууын