Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ домынцбалцы цæугæйæ рагацау балцвæдтæ регистраци кæнын
Чырæ телефон бахъуаджы рæстæг куы нæ скуса, уæд æххуысмæ цы хуызы ис фæсидæн? Фыдбылызæй хи куыд бахизæн ис? Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ домынц æрдзмæ балцы цæугæйæ рагацау балцвæдтæ регистраци кæнын. Уый саразæн ис онлайн хуызы науæд та хæстæгдæр агурæн-ирвæзынгæнæн дæлхайады. Курдиат бадæттын хъæуы балцæй 15 боны раздæр. Фæнысан кæнын хъæуы цы бынатæй араст уыдзыстут æмæ сæйрагдæр та балцыл цас рæстæг бахардз кæндзыстут, уый. Рох кæнын нæ хъæуы æдасдзинады хуымæтæг домæнты тыххæй дæр. Куыд зонæм, афтæмæй хæхтæ рæдыдтæ нæ хатыр кæнынц.