Беслæны цæуы Цæгат Ирыстоны чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй
150 спортсмены æмæ 10 уæзы фæлтæры. Беслæны цæуы Цæгат Ирыстоны чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Архайынц дзы 24 азы онг спортсментæ. Ерыстæ сбастой Олимпаг призер, спорты сгуыхст дæсны Къудухты Бесичы номимæ. Дыууæ боны дæргъы республикæйы районтæй фæсивæд сæ тыхтæ фæлвардзысты. Хуыздæртæ дарддæр архайдзысты Цæгат Кавказы федералон зылды ерысты. Ацæудзысты къуыри фæстæ Налцыччы.