Дзæуыджыхъæуы ацыд кафджыты спортæй турнир
Тыхджын къухæмдзæгъдмæ æрыгон архайджытæ рацыдысты сценæмæ. Сабитæн ацы турнир у ахсджиаг цау. Сæхи йæм цæттæ кодтой æнæхъæн афæдз. Сæ рæсугъд уæлæдарæс та сын цыма сæ кафт ноджы цымыдисагдæр кæны. Чысыл кафджытæ зæрдиагæй æххæст кæнынц сæ уарзон архайд сценæйыл. Уæздан вальс, ирд æмæ цымыдисаг латинаг- америкаг кæфтытæ. Фæсивæд равдыстой, цæуыл сæ ахуыр кодтой, уый. 7 аздзыд Теблойты Аннæйæн ацы турнир фыццаг егъау аивадон ерыс нæу. Фæлæ уæддæр чысыл тыхсы сценæмæ рацæуыны агъоммæ. Жюрийы уæнгтæ сæ бæрæггæнæнтæ æвæрынц цалдæр здæхтмæ гæсгæ – музыкæйы зæлтимæ архайд, уæнгты айст, æмæ ма раст цæстæнгас дæр. Кафты алцыдæр ахсджиаг у. Тæрхонгæнджыты 'хсæн - алыхуызон къордты разамонджытæ. Сæ хъомылгæнинæгтыл се 'ппæт дæр тыхсынц. Ахæм ерыстæ сабитæн дæттынц профессионалон рæзт. Турнир "Весенний Вальс - 2024"-ы архайдтой 6-æй 15 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сабитæ. Æдæппæтæй 137 сывæллоны. Æмткæй сты 8 къорды Мæздæгæй, Беслæнæй æмæ Дзæуджыхъæуæй. Ерыстæ цыдысты дыууæ программæмæ гæсгæ: европæйаг æмæ латинаг-америкаг кæфтытæ. Уæлахиздзауты схорзæхджын кæндзысты майдантæ, кубоктæ æмæ Кады гæххæттытæй. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй кафджыты спорт республикæйы парахат кæны. Нæ æрыгон курдиæттæ та бæрзонд æмвæзадыл архайынц алыхуызон Æппæтуæрæсеон ерысты.