219 фермерон хæдзарады сарæзтой Цæгат Ирыстоны грант "Агростартап"-ы 'руаджы

219 фермерон хæдзарады сарæзтой Цæгат Ирыстоны грант "Агростартап"-ы 'руаджы. Уый тыххæй фехъусын кодта Сергей Меняйло. Республикæйы сæргълæууæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ныр стурвос, маргъ дарын, кæнæ та дыргъдæтты куыст кæнын сæ бон у кæйдæриддæр фæнды, уыдоны. "Агростартап" у хорз фадат фермæ байгом кæнынæн, кæнæ та йæ фестырдæр кæнынæн. Зæххы куыст чи кæны, уыдонæн та æххуыс кæнынц 2019-æм азæй. Бæрæггæнæнтæ сæхæдæг сæхиуыл дзурынц. Уыцы рæстæгмæ хъæууон хæдзарады министрад радта 680 милуан сомæй фылдæр. Аграрийтæ сарæзтой 53 кондадон бæстыхайы, балхæдтой хъæууон хæдзарадон кусæнгарзы 831 иуæджы; 2,5 мины стурвос, сæвæрдтой 11 хъæрмуаты. Уæлдай вазыгджын та ма уый у, æмæ хъæуты ног куысты бынæттæ кæй фæзынд. Сергей Меняйлойы ныхæстæм гæсгæ, гранттæм фæсивæд фылдæр æргом здахын райдыдта. Ацы аз дарддæр кусынц чысыл æмæ астæуккаг амалхъомад райрæзтыл. "Агростартап"-ыл схардз кæндзысты 132 милуан сомы. Æххуыс райсдзысты æппынкъаддæр 25 фермерон хæдзарады.

Иконка канала IRYSTONTV
1 365 подписчиков
12+
7 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии