Дзæуджыхъæуы байгом Уæрæсейы æппæты хъомысджындæр станцæ электромобильтæ ифтындзынæн
Дзæуджыхъæуы байгом Уæрæсейы æппæты хъомысджындæр станцæ электромобильтæ ифтындзынæн. Кадджын уавæры йæ уыцы иу рæстæг скусын кодтой Кавказы инвестицион форумы æмæ Дзæуджыхъæуы. Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй электротранспорты къабаз афæдзæй-афæдзмæ æнтыстджынæй рæзы. Уый фылдæр æнтысты паддзахады æххуысы фæрцы. Цæгат Ирыстон Цæгат Кавказы федералон зылды регионты 'хсæн ахсы раззагдæр бынат «Электромобиль и водородный автомобиль» паддзахадон программæ æнтыстджынæй кæм æххæст кæнынц, уыдоны 'хсæн. Уыимæ ма бæрæггæнтæ дарддæр рæздзысты. Ныртæккæ ахсджиаг у æмбæлгæ инфраструктурæ аразын. Электромобильтæ ифтындзæн фыццаг станцæтæ Цæгат Ирыстоны сæвæрдтой фарон, ноджы цыппар та ацы аз. Республикæ архайдзæн, цæмæй ацы хъуыддаджы регион дарддæр дæр фыццаг уа, -загъта Сергей Меняйло.