Сергей Меняйло раныхас кодта республикæйы сæйраг рахæцæнты тыххæй
Республикæйы сæргълæууæджы раныхасы фыццаг æмæ сæйрагдæр темæ — сæрмагонд æфсæддон операци, йæ архайджытæ æмæ сæ бинонтæн æххуысы мадзæлттæ. Ацы фарста ныртæккæ у æппæты ахсджиагдæр. Фыццаг радоныл æй банымадта Владимир Путин Федерацийы Советмæ ныстуаны. Сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæг чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ æмбырды архайджытæ ссардтой минут æдзæмæй алæугæйæ. Нæ æфсæддонты æппæт хъæугæ дзауматæй сифтонг кæнын, Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ æмæ сæ бинонты фарсмæ æрбалæууын, проект "Время героев"-ыл куыст, Черниговы районæн æххуыс. Бæстæйы Президент цы хæстæ æвæры, уыдон сæххæст кæныны хъуыддаджы Цæгат Ирыстон фыццæгты 'хсæн æнтыстджынæй архайы. Йæ раныхасы Сергей Меняйло æрдзырдта регионы социалон-экономикон къабазы райрæзты сæйраг æууæлтыл. Цæгат Ирыстонæн ахсджиагдæр темæтыл. Сæргълæууæг хатдзæгтæ скодта хицауады ивгъуыд азы куыстæн, фæбæрæг кодта фидæнмæ нысантæ. Дзуапдæттæг ведомствотæн бабар кодта 2030-æм азмæ райрæзты гæнæнтыл бакусын. Уый руаджы национ проекттæ æмæ паддзахадон программæты æххæсткæнынад регионы фæфылдæр уыдзæн. Уыимæ ахсджиаг фарстатæ баххæст кæнынæн бантсыдзæн уæлæмхасæн фæрæзтæ раздахын. Регионы разамонæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй ахæм куысты руаджы хæстæг дыууæ азы бантыстдзæн æппæт къабæзты дæр ног æмвæзадмæ рахизын. Ахуырады фарстатæ æмæ республикæйы экономикон рæзтæн специалисттæ цæттæ кæныны хъуыддаг Сергей Меняйлойы доклады парахат уыд. Регионы разамонæг ахуырады къабазмæ уæлдай æргом фыццаг хатт не здахы. Ныхас цæуы куыст æмæ йæ уавæртæ рацаразыныл, мызды æмвæзад, ахуыргæнæндæтты материалон-техникон бындуры рацарæзт. Стыр æргом — скъолаты бындурон цалцæгмæ, федералон университеттимæ æмæ ахуырадон центртимæ æмгуыстад. Сæйраг нысан - аккаг уавæртæ саразын экономикæ, наукæ æмæ сфæлдыстады рæзтæн хæстæг 5-10 азмæ. Сæйрагдæр сты кадртæ. Беслæны уæззау цаутыл ацы аз æххæст кæны 20 азы. Сæргълæууæг фæнысан кодта, уыцы хъæдгом кæй нæ байгас уыдзæн, уый. Сæйрагдæр у фыдбылызы амæттæгты нæмттæ хъуыды кæнын, дарддæр дæр æххуыс кæнын хъыгдæрд дзы чи баййæфта, уыдонæн. Беслæны байгом кодтой Æппæтадæмон культурон-патриотон центр "Беслан.Школа№1", зæгъгæ. Техникон æгъдауæй объект кæронмæ æххæстгонд æрцыд. Скъолайæн бахъахъхъæдтой, террористы ныббырсты фæстæ йæ хуыз. Уый хыгъд, бантыст саразын нырыккон музей. Бакуыстой цетры райрæзты дæргъвæтин концепцийыл. Доклады ахсджиаг къæпхæн — фæндаггон-транспортон хæдзарады рацарæзт. Ныхас цæуы бæлццæттæ ласæг куыстуæтты рацарæзтыл. Йæ фæлгæты самал кæндзысты ног транспорт, сараздзысты маршрутты нырккон схемæтæ. Сæргълæууæг фæнысан кодта, нæ регионы дзуапдæттæг хыз арæзт æрцыд 70-æм азты, æмæ домы ивддзинæдтæ. Абон фарста хъæуы къæпхæнгай аиуварс кæнын. Куыст ныридæгæн райдыдта. Фарон балхæдтой 28 автобусы. Ацы аз ма фæзынд ноджы 42 хæдтулæгæйы. Уыдонæй 32 лæггад кæнынц Дзæуджыхъæуы муниципалон маршруттыл. Ноджы ма 10 автобусы сæвæрдтой республикæйы районты 'хсæн маршрутты. Доклады хатдзæгтæм гæсгæ бацæттæ кæндзысты сæргълæууæджы уынаффæты хыгъд. Куыд æххæстгонд цæудзысты, уымæ уыдзæн бæстон цæстдард.