Беслæны Терчы былгæрон аив кæныны куыстытæ цæуынц æнæрлæугæйæ, фæуындвæд сæ кæнынц афæдзы кæронмæ.
Беслæны Терчы былгæрон аив кæныны куыстытæ цæуынц æнæрлæугæйæ, фæуындвæд сæ кæнынц афæдзы кæронмæ. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта Сергей Меняйло. Ног фæлладуадзæн бынаты фæзуат у 22 гектары. Фæзындзæн дзы цалдæр спортивон хайы скейт-паркимæ, сывæллæттæн 5 фæзы, 1 сæрмагондæй хъазынæн. Культурон мадзæлттæн та амфитеатр. Уыдзæн дзы цад фонтантимæ. Уæлдай æргом аздахдзысты цъæхфæлыстмæ. Терчы былгæрон нысаддзысты 400 бæласæй фылдæр. Цæрджыты æнцойдзинадæн ма дзы сараздзысты хæдтулгæтæ æвæрынæнæн сæрмагонд бынæттæ. Егъау проект æххæст кæнынц "Уæрæсейы цæрджыты æнцонвадат цæрæнуæттæй æмæ хæрзхъæд коммуналон лæггæдтæй æххæст кæныны" паддзахадон проектмæ гæсгæ. Аразджытæ ныридæгæн сæвæрдтой рухсгæнæн цæджындзтæ, коммунникацитæ, сыгъдæггæнæнтæ æмæ бырутæ.