Цæгат Ирыстон æмæ Кæсæг-Балхъары университетты минæвæрттæ æмбæлынц Æрджынарæджы бахизæны

Иумæйаг уæлахиз. Кадджын бæрæгбоны агъоммæ ныр 30 азы дæргъы Цæгат Ирыстон æмæ Кæсæг-Балхъары аграрон университетты минæвæрттæ æмбæлынц Æрджынарæджы бахизæны. Цæгат Кавказ бахъахъхъæныныл карздæр тохты чи фæмард, уыцы хъайтарты цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ. 1942-æм азы сентябрæй декабры онг цыдысты уæззау тохтæ. Сырх æфсад ныппырх кодта фашистты, афтæмæй сын æхгæд æрцыд Грозна æмæ Бакумæ фæндаг. Æрджынарæджы бахизæны фæрсæй фарсмæ æхсарджынæй лæууыдысты æфсымæрон адæмтæ, се 'хсæн Кæсæг-Балхъары цæрджытæ дæр.

Иконка канала IRYSTONTV
1 373 подписчика
12+
25 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии