Цæгат Ирыстоны систой "Поедем-поедим"
Йæ ныхасæздæхт кæд бæрæг дары, уæддæр амонæг адджын, зæгъгæ, дзырд программæ исыны рæстæг тынг арæх загъта. Италийы цæрæг зонгæ кæны Дзæуджыхъæуы аив бынæттимæ, уарзы хæрзад хæрианг, агуры цымыдисаг рецепттæ. Хæринаггæнæг, музыкант, актер æмæ НТВ каналы "Поедем, поедим!" шоуы амонæг Федерико Арнальди. Цалдæр бонмæ Ирыстоны культурæ тынг бауарзта. Йæ размæ сæвæрдта нысан фылдæр ирон дзырдтæ базонын. Хъæлдзæгæй æмæ хорз зæрдæйы ахастимæ дзидза хохаг фых скодтой. Федерико йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, кæд хæринаггæнæгыл сахуыр уæвæн ис, уæд дзидза цæттæ кæнынæн та стыр курдиат хъæуы. Худæг цаутæ, цымыдисаг дæнцæгтæ - æппæт архайд цыд ирон æвзаг базоныны нысанимæ. Дыргъты, халсарты, хъацæнты æмæ дзауматы нæмттæ. Цымыдис амонæджы фæндыд алцыдæр базонын. Бынæттон хæрæндоны хæринаггæнæгимæ ма хæснаг дæр скодта. Хæринаг кæнгæйæ алчи йæхи фæнд размæ хаста. Ацы къæбицы æнкъарæнтæ сæмхæццæ сты. Федерико Арнальди дунейы бирæ бынæттæ бабæрæг кодта. Æппæты фæсвæд бæстæтæй райдай æмæ егъау центртæй фæуы. Ирыстон æй дисы бафтыдта йæ парахатдзинадæй. Алы хæринаг æмæ рецептæн дæр йæхи истори ис, раст цыма замантимæ балцы бацæуы, афтæ йæм кæсы. Ирон фынджы æвæрд, минас æмæ æгъдау æм тынг цымыдисаг фæкастысты. Ирон чъиритæй акомдзаг кæныны фæстæ та къухæмдзæгъд кодта. Æппæты хæрзаг хæринæгтæ цæттæ кæныны сусæгдзинæдтæ - æрмæстдæр ацы программæйы. Раргом сæ кæны италиаг нæлгоймаг. Бирæтæм сæвзæры фарст "Фæсарæйнаг программæйы амонæг цæмæ у?", зæгъгæ. Уымæн дæр йæхи хицæндзинад ис. Æрбацæуæг адæймаг нын дзуры нæ культурæйы тыххæй. Федерикойæн бæстæйы иу горæт дæр нал баззад, кæцы нæ бабæрæг кодта, ахæм. Уæрæсемæ ссæугæйæ нæ бæстæ афтæ тынг бауарзта æмæ дзы йæхи атонын нал бафæрæзта. Бирæ хæринæгтæ федта, бирæ культурæтимæ базонгæ, фæлæ йæ Ирыстон дисы бафтыдта. Куыд сыл сæмбæлдысты, уый дæр хицæн ныхасы аккаг у. Мах афтæ хъуыды кæнæм æмæ нæ бæстæйы тыххæй алцыдæр зонæм. Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй алы регионы дæр ис йæхи хæзнатæ. Хæдзары уæвгæйæ программæйы 'руаджы базонæн ис æрмæст хæрзад хæринæгтæ нæ, фæлæ ма алы адæмты истори æмæ æгъдæуттæ. Федерико алы бынаты дæр ссары цавæрдæр ногдзинад, скæны хатдзæгтæ, фæфылдæр вæййынц йæ зонындзинæдтæ, фæхъæздыгдæр вæййы йæ миддуне. Афтæмæй, 8-æм июны телеканал НТВ-йы фенæн уыдзæн нæ уазæгуарзон Ирыстон йæ зæрдйы цы фæд ныууагъта, уый.