Сывæллæтты хæдзар «Хуры тын»-ы хъомылгæнинæгтæн бацæттæ кодтой пайдайаг балц
Бæхыл бадын æрмæст цымыдисаг архайд нæу, фæлæ ма у пайда дæр. Æнæмæнг хъæуы рохтыл хъæддых хæцын æмæ уæндон бадт саргъыл æркæнын. Уый чысыл бæхылбадджытæ хорз фæзонынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæ фарсмæ вæййынц специалисттæ æмæ сæм лæмбынæг фæкæсынц. Балтайы æрдзы рæсугъддзинадæй æмæ бæхты цинæй бафсæдын у кæй зæрдæ зæгъа, уыдонæн се 'ппæтæн дæр. Зæгъæм, ацы хатт ардæм æрбахуыдтой центр "Хуры тын"-ы хъомылгæнинæгты. Аст сабийы - 7 азæй 14 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ бæхтыл бадгæйæ рæсугъд балцвæдыл æрзылдысты. Уыимæ æрмæст хъæлдзæгæй сæ рæстæг нæ арвыстой, фæлæ ма сæ удæн дæр пайдадзинад райстой. Терапи дæр æй хуымæтæджы нæ хонынц. Ацы цæрæгойтæ адæймаджы æвзæр æнкъарæнтæ фесæфын кæнынц, йæ нервыты системæ йын æрсабыр кæнынц. Адæймаг бæхимæ стыр хæлæрттæ дæр свæййынц. Уымæй уæлдай ма ахуыргæндтæ рабæрæг кодтой, бæхтæ адæмы æнкъарæнтæ хорз кæй æвзарынц, уый. Уæлдайдæр - сывæллæттæн. Сæ зæрдæйы ахаст сыл фæбæрæг вæййы, хъæлæсы интонацитæ равзарынц, буары змæлд, къухамынд æмæ ма суанг адæймаджы цыд дæр. наталья варламова воспитатель центра содействия семейному воспитанию "хурытын" : "Ай нæ фыццаг балц у. Мæнмæ гæсгæ, ардæм арæхдæр цæудзыстæм. Сывæллæттæ дæр цыппар къуымы астæу бадынæй бафæллайынц, æмæ æрдзмæ куы рацæуæм уæд сыл уы хуыздæры 'рдæм фæбæрæг вæййы. Сæ къамтæ æмæ видеотæ дæр фæисынц." Ацы мадзал сбастой сывæллæтты хъахъхъæныны бонимæ. Туаты Сосланæй сарæзта йæхи хардзæй. Уый арæх феххуыс кæны сабитæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ, интернаттæ, сæрмагонд центртæ æмæ сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгтæн сæ бон у цыфæнды афон дæр æрбацæуын æмæ бæхтыл абадын. Сæрдыгон ахæм акцитæ арæхдæр аразинаг сты. Сæйрагдæр у, цæмæй сывæллæтты сæхи фæнда. Иннæ хъуыддæгтыл та, Туаты Сослан куыд зæгъы, афтæмæй хистæртæ батыхсдзысты. Ам алы сабийыл дæр æхсызгонæй сæмбæлдзысты æмæ йæ сахуыр кæндзысты бæхыл фидар бадын.