Дзæуджыхъæуы кæронмæ æрхæццæ сты сæргълæууæджы кубок рамбулыныл республикон ерыстæ футбол, баскетбол
Дзæуджыхъæуы кæронмæ æрхæццæ сты сæргълæууæджы кубок рамбулыныл республикон ерыстæ футбол, баскетбол æмæ волейболæй. Кæронбæттæны хъазтæн аргъ скодта Дзанайты Барис дæр. Футболæй турниры уæлахиздзаутæ ссисты Беслæны цыппæрæм скъолайы ахуырдзаутæ. Чызджыты 'хсæн кубок райстой Дзæуджыхъæуы 44-æм скъолайы ахуырдзаутæ. Баскетболæй лæппуты 'хсæн хуыздæртæ разындысты Дзæуджыхъæуы 44-æм скъолайы ахуырдзаутæ, чызджыты 'хсæн — Æрыдоны фыццæгæм скъола. Мæздæгæй скъоладзаутæ фæуæлахиз сты волейболæй. Хицауады сæрдар Дзанайты Барис фæсивæдæн раарфæ кодта регионы сæргълæууæджы номæй. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Сергей Меняйло расидт æрвылазон хъæзтытæ аразыны хъæппæрисимæ. Æдæппæтæй ерысты алы къæпхæнты бацархайдтой Цæгат Ирыстонæй 11 мин скъоладзауы.