Ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ фембæлд студенттимæ
Республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ фембæлд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты æмæ педагогон колледжы студенттимæ. Мадзалы архайдта университеты ректор Огъуаты Алан дæр. Æрдзырдтой ахуыргæнджыты фæллойы уавæртыл, стæй кадртæ кæй нæ фаг кæны, ууыл. Æргом ныхасы рæстæг студенттæ лæвæрдтой цы фарстатæ сæ тыхсын кæнынц, уыдон. Фыццаджыдæр - мызды тыххæй. Алыбегты Эллæ сын бæстонæй радзырдта æрыгон ахуыргæнæджы мызд цавæр бæрæггæнæнтæм гæсгæ нымад æрцæуы, уый. Уæлæмхасæн фиддонтæ сын æмбæлы, куыд æрыгон педагогтæ, афтæ, стæй кълæстæн разамынд куы дæттой, уый тыххæй. Ахуырады системæ специалисттæй æййафы цух. Ацы фарста аиуварс кæнынæн материалон стимултæй уæлдай ма кусынц кадртæ цæттæ кæныны программæйыл дæр.