Сергей Меняйло æмæ Демьян Лаптев кадджын уавæры скъоладзаутæн радтой паспорттæ
Нæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Демьян Лаптев кадджын уавæры скъоладзаутæн радтой паспорттæ. Сæйраг документæй уæлдай ма республикæйы æрыгон цæрджытæ райстой нæ бæстæйы Конституци. Регионы разамонæг арфæ ракодта сывæллæттæн сæ царды ног къæпхæнмæ кæй бахызтысты, уый фæдыл, æмæ сæм бахатыд сæ райгуырæн зæхх æмæ фыды уæзæг куыд уарзой. Кадджын мадзалы архайдтой 30 сывæллоны Цæгат Ирыстоны æппæт районтæй дæр. Се 'хсæн олимпиадæтæ æмæ æркастыты уæлахиздзаутæ, ахуыр, спорт æмæ æхсæнадон царды æнтыстдзинæдтæ чи равдыста, ахæм æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæ. 17-æй та дзы уыдысты Фыццæгты змæлды архайджытæ. Æртæйæ та дзы иу бон райгуырдысты, хæлæрттæ сты сæ сабибонтæй æмæ паспорттæ дæр иу бон райстой.