Дзæуыджыхъæуы цæрджытæ хъаст кæнынц æрлæууæн бынæттæ нывылгонд кæй не сты, уымæй

Уыимæ ма, арæх маршруткæмæ бахъæуы сахаты бæрц æнхъæлмæ кæсын, зæгъы Лолаты Еленæ. Æмæ кæд транспорт арæх кæй нæ цæуы, ууыл адæм сахуыр сты, уæд сын уæлдай зындзинад та хæссы æнтæф кæнæ къæвда бон гом æрлæууæнтæй кæй пайда кæнынц, уый. Æрвылбон куыстмæ кæнæ ахуырмæ чи цæуы, уыдон æййафынц къуылымпыдзинæдтæ. Фылдæр та цæрджытæ хъаст кæнынц æрлæууæнты бирæ адæм кæй вæййы, уымæй. Уæлдай дæр та Штыбы фæзы, Къостайы проспекты æмæ Дзусы фырты уынгыл. Фæлæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм уавæр ис æппæт горæты дæр. Горæты администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй цæрджыты курдиæттæн дзуапп раттынц æвæстиатæй. Фæлæ ис ахæм æрлæууæнтæ, æмæ бæлццæтты æрмæст хизын кæм ракæнынц. Уымæ гæсгæ ахæм æрлæууæнты бадæн бынæттæ кæнæ æмбæрзæнтæ ахсджиаг не сты. Сæ сæвæрыныл архайынц, æрмæст транспортмæ кæм фенхъæлмæ кæсынц, ахæм бынæтты. Горæты æрвылаз дæр фæзыны ног 20 æрлæууæнæй фылдæр, цæрджыты ныхæстæм гæсгæ уыдон уæддæр фаг не сты. Фæззæджы ралæудимæ, къæвдаты рæстæг та ацы фарста цæрджыты тынгдæр тыхсын кæндзæн.

Иконка канала IRYSTONTV
1 347 подписчиков
12+
12 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии