Ольга Романова сси конкурс "Афæдзы педагог - 2024"-ы уæлахиздзау
Кæрæдзийæн аргъ кæнын. Ацы хъуыддагыл фыццаджыдæр сабиты ахуыр кæны Ольга Романова. Психолог уыдзæн, уый йæ хъуыдыйы дæр нæ уыд. Раздæры бухгалтел психолоджы дæсныйады фыццаг къахдзæфтæ акодта центр "Доверие"-йы. Йæ разамонæг Æфсæрæгты Тамарæ йын баххуыс йæ курдиат раргом кæнынæн. Афтæмæй фæстæдæр Ольгæ райдыдта скъолайы кусын. Дзæуджыхъæуы 8-æм скъола йын ныридгæн сси уарзон бынат. Ам иу бинонтау цæрынц ахуыргæнджытæ æмæ сывæллæттæ. Фæлмæн æмæ хъæлдзæг адæймаг. Ольга Романова æнцонæй ссары фæндаг алы сабийы зæрдæмæ дæр. Уæдæ дзы йе 'мкусджытæ дæр сты тынг разы, зæгъы скъолайы директор Джыбызты Еленæ. Саби фыццаг хатт скъолайы къæсæрæй куы бахизы, уæд цæмæй ма тыхса æмæ уæндонæй сахуыр уа архайын ахуыры процессы, уымæн ын хъуамæ æххуыс уа педагог. Ахæм хæстæ æнцонæй сæххæст кæны Ольга Романова. Скъоладзауты кармæ гæсгæ педагог саразы сæрмагонд пълан. Кæстæр сабитимæ архайы кинолекториты хуызы. Фæкæсныц мультипликацион кинонывтæм. Уый фæстæ сын сæ сæйраг хъуыдыйыл æрныхас кæнынц. Хистæр кълæсты ахуырдзаутимæ куыст æндæр хуызон у. Уыдоны Ольга ахуыр кæны хъуыды кæны, цæмæй æнцонæй сæ бон уа раст фæндаг равзарын. Конкурс "Афæдзы педагог - 2024"-ы бацархайынмæ Ольга Романовайы сразæнгард кодта скъолайы директор. Уырныдта йæ, йе 'мкусæг йæ зонындзинæдтæ равдысынмæ кæй сарæхсдзæн, уый. Афтæмæй Ольга сси уæлахиздзау æмæ рамбылдта сертификат иу милуан сомæн. Дæ курдиат дæ дæсныйады рагом кæнын - уый стыр амонд у. Ольга Романова уыцы хъуыддаг бантыст. Æмæ дарддæр дæр архайдзæн, цæмæй сабитæн хæсса пайда, уа сын æцæг хорз ахуыргæнæг.