Республикæйы сбæрæг кæндзысты Цæгат Ирыстоны автономийы 100 азы бон

6-æм æмæ 7-æм июлы Цæгат Ирыстоны сбæрæг кæндзысты автономийы равзæрды 100 азы юбилей. Историон цаумæ цæттæгæнæн мадзæлттыл æрныхас кодтой Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды. Бæрæгбон цæудзæн Дзæуджыхъæуы центрон хайы. 6-æм июлы 11 сахатæй 16 сахаты онг Центрон парчы æмæ Сабырдзинады проспекты ацæудзысты алыхуызон мадзæлттæ. Цæрджытæн æмæ уазджытæн фадат уыдзæн чингуыты æмæ хъæууон-хæдзарадон армукъаты бацархайынæн. Фенын хойрæгты фæзуæттæ, "Нарты хъæзтытæ", дæсныйадæвдисæн ахуыртæ робототехникæйæ. Уыимæ, æлыгимæ, стæй куырдадзы чи кусы, ахæм æрмдæснытимæ фемблæдтытæ. Мадзæлтты архайджытæ ма базондзысты туристон техникæйы бындуртæ дæр. 14 сахатыл та Ирон театры уыдзæн кадджын мадзал. Архайдзысты дзы Уæрæсейы президенты минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка, республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ Цæгат Кавказы регионты разамонджытæ. Бæрæгбон фæуыдзæн 19 сахатыл Сæрибардзинады фæзыл егъау концертæй. Дзанайты Барис куыд фæнысан кодта, афтæмæй республикæйы 100 азы бæрæгбон хъуамæ ацæуа æппæт районты дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ацы аз республикæ бæрæг кæны 3 историон цауы: Цæгат Ирыстон Уæрæсеимæ куы баиу, уыцы цауы 250 азы, автономийы 100 азы æмæ Дзæуджыхъæуы 240 азы.

Иконка канала IRYSTONTV
1 360 подписчиков
12+
15 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии