Нары дарддæр аив кæнынц æхсæнадон фæзуат

Алæмæты нывтæ, хæххон сыгъдæг уæлдæф, Хетæгкаты Къостайы историон хæдзар-музей. Алцыдæр - рæстæг æхсызгонæй æмæ пайдаимæ арвитынæн. Фæлæ бынаты æнцонвадат уавæртæ саразын æнцон нæу. Хæхты боныхъæд арæх фæивы æмæ уымæй къуылымпы кæны специалистты архайд. Ныр дæр цалымæ фадат ис, уæдмæ объекты æрвылбон кусынц 30 адæймаджы æмæ техникæйы 10 иуæджы. Ныртæккæ æвæрынц бындур, хæстæгдæр рæстæг райдайдзысты бæстыхайы куыстытæ. Иу ахсджиаг фарста ма хæххон бынæтты электрон тых кæй нæй, уый. Уый тыххæй бæстыхайы хæйттæ цæттæ кæнынц æндæр ран. Ардæм сæ ласдзысты цæттæйæ, æмбырд сæ кæндзысты бынаты. Объекты фæзындзæн туристон центр, уым иу уазджытæ равзардзысты экскурситæ Ирыстоны аивдæр бынæттæм, уымæй уæлдай ма дзы уыдзæн фæлладуадзæн фæзтæ бандæттимæ, урнæтимæ æмæ рухсгæнæн цæджындзтимæ. Уарзондæр хай ма, æнæмæнг, суыдзæн аренæ трибунæтимæ. Комплексы уыдзæн 300 бынаты. Ам сæ равдыстытимæ адæмы зонгæ кæндзысты бæхты театр Нарты. Ивгъуыд аз Нар сси уæлахиздзау "Горæты æнцонвадат уавæртæ саразын"-ы Æппæтуæрæсеон конкурсы номинаци "Историон бынат"-ы. Комплексы арæзтадæн радих кодтой 66 милуан сомы. Æхсæнадон фæзуатæн дизайн-проект дæргъвæтин рæстæг цæттæ кодтой, цалдæр хатты йæм бахастой ивддзинæдтæ. Сæйрагдæр уыд нырыккон фæзилæнтæ хæххон ландшафтимæ бабæттын. Æмæ уыцы хæс специалисттæ сæххæст кодтой. Объект хъуамæ срæвдз уа 1-æм ноябрьмæ, фæлæ специалисттæ кусынц нысангонд фæткæй раздæр. Суанг ма архайынц Къостайы юбилеймæ фæуын. Уый та ууыл дзурæг у æмæ хæстæгдæр рæстæг Нар бæрæг кæндзысты фылдæр уазджытæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 344 подписчика
12+
9 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии