Сергей Меняйло фембæлд æппæтуæрæсеон олимпиадæ «Софиум»-ы архайджытимæ
Сергей Меняйло фембæлд æппæтуæрæсеон олимпиадæ «Софиум»-ы архайджытимæ – Цакъоты Дианæ, Цорæты Валерия, Гаглойты Лаурæ æмæ Мæргъиты Валерияимæ. Æвзарджыты бартæ æмæ æвзæрстыты цыды фарстаты фæдыл олимпиадæ æрвылаз арæзт æрцæуы Уæрæсейы центрон æвзарæн къамис æмæ рухстауыны министрады хъæппæрисæй. 2023-æм азы олимпиадæйы æмткæй бæстæйы 80 регионæй архайдтой 12 мин адæймаджы. Дзæуджыхъæуы 7-æм скъолайы 11-æм къласы ахуырдзау Цакъоты Дианæ сси уæлахиздзау. Цорæты Валерия æмæ Гаглойты Лаурæ систы 3-аг къæпхæны призертæ. Сергей Меняйло интеллектуалон ерысты хуыздæртæн ракодта арфæ сæ æнтыстдзинæдты тыххæй. Йæ зæрдæ сын загъта ноджы фылдæр уæлахизтæ.