Гæрзтæгæнæг Æлборты Аслан бæрæг кæны йæ 60 азы юбилей
Фидæны скифаг роны хæйттæ. Алы хайыл дæр хицæн ныв. Дæсны Æлборты Аслан сæ бауаддзæн цард. Æмæ афтæмæй фæзынынц цымыдисаг дзауматæ. Хæцæнгарзы хæйттæ дæсны ныссыгъдæг кæны æмæ сæ сæрттивын кæны. Зæгъæн ис æмæ рагон ирон хæцæнгарзæн дæтты ног дуджы цард. Ацы дзаума дæр сфæлдыстады хицæн дæнцæг у. Куыстмæ бавналыны размæ Æлборты Аслан æркæсы архивон æрмæгмæ. Æппæт нысæнттæ æмæ символтæ дæр сты нæ фыдæлты рагон культурæйы æвдисæнтæ, рæдыдæн дзы бынат нæй. Ацы куыст Аслан æмæ йе 'фсымæр Виталий кæнынц ныр 35 азы. Дзæуджыхъæуы 7-æм училищæйы байгом кодтой чысыл æрмадз. Студентты дзы ахуыр кæнынц зæрингуырды дæсныйадыл. Сæ фыццаг куыстыты равдыстой Европæйаг здæхт. Фæлæ дæсныты æппынæдзух фæндыд нæхи, ирон дзауматæ аразын. Кавказы рагзаманты æфсæддонты уæлæдарæс æмæ рагон хæцæнгарз - ахæм дзауматæ аразыны хъуыддаг сцымыдис кодта Æлборты 'фсымæрты дæр. 35 азмæ сæ æрмадзы сарæзтой мингай дзауматæ. Сæйраг у уыцы дуджы уддзæф банкъарын, зæгъы Аслан йæхæдæг. Сырдты сурæтæй арæх падйа кодтой скифтæ. Ахæм хуызы аразын хъæуы уæлæдарæс æмæ æппæт дзауматæ дæр. Нывæфтыдтæ тотемон сырдтимæ - цæргæстæ æмæ стайтæ, арæхдæр сагтæ. Ацы дзауматы къордмæ та Æлборты Асланæн ис уæлдай зæрдæйы ахаст. Сарæзта сæ æрдзон æрмæджытæй - хъæдæрмæг, сæрак, сыкъатæ æмæ ма раст мамонты ссыртæ дæр. Уымæ гæсгæ сыл рæстæджы цыд æвзæры, рдæм нæ сахаддзæн. Абон зæрингуырд æрмдæсны Æлборты Асланыл æххæст кæны 60 азы. Куыд фыццаг къахдзæфтæ кæнгæйæ ацы дæсныйады, афтæ ныр дæр у зæрдæргъæвд. Ныр 35 азы кусы иу сæйраг хæсыл - рагон культурæ сног кæнын æмæ фæсивæды нæ цытджын фыдæлты историимæ зонгæ кæнын.