Цæгат Ирыстоны ахуырады, туризмы æмæ спорты къабазты проектты райрæзтыл ныхас.

Цæгат Ирыстоны ахуырады, туризмы æмæ спорты къабазты проектты райрæзтыл ныхас. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло Мæскуыйы фембæлд Уæрæсейы хицауады сæрдары хæдивæг Дмитрий Чернышенкоимæ. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй хицауады раззагдæр хæстæй иу у мидæггаг туризмы райрæзт. Цæгат Ирыстон æнтыстджынæй пайда кæны нацпроектты гæнæнтæй, æрвылаз регионы рæзы туристты нымæц. 2024-æм азы республикæ туристон къабазы райрæзтæн федералон бюджетæй райста фæрæзтæ, уый руаджы ам фæзындзæн фысымуæттæ æмбæлгæ инфраструктурæимæ. Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй паддзахады æххуыс Цæгат Ирыстоны ацы къабазыл хорзы 'рдæм зынынц. Сæргълæууæг ма радзырдта регионы социалон инфраструктурæйы райрæзты тыххæй. Дмитрий Чернышенко бæстæйы рухстауыны æмæ спорты министрадтæн бабар кодта Комгæроны 200 бынатимæ скъолайы арæзтадæн фæрæзтæ радих кæныны фарстамæ æркæсын, уыимæ ма Октябрьскæйы спортивон скъолайы æмæ спорты галуан "Манеж"-ы рацарæзтæн.

Иконка канала IRYSTONTV
1 357 подписчиков
12+
17 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии