Сергей Меняйло схорзæхджын кодта республикæйы сæргълæууæджы преми райсыны æркасты уæлахиздзауты
Сергей Меняйло схорзæхджын кодта республикæйы сæргълæууæджы преми райсыны æркасты уæлахиздзауты. Æрыгон ахуыргæндтæ æмæ специалисттæн кадджын уавæры радтой дипломтæ æмæ æхцайы фæрæзтæ. Сергей Меняйло сын арфæ ракодта сæ дæсныдзинады тыххæй, стæй æппынæдзух сæхиуыл кæй кусынц, уый фæдыл. Дарддæр та æрныхас кодтой Цæгат Ирыстоны наукæйы рæзтæн цы уавæртæ ис, ууыл. Республикæйы сæргълæууæг бафиппайдта, кæд нырма ахуыргæндтæ æрыгон сты, уæддæр сын хорз æнтыстдзинæдтæ наукæйы кæй ис. Йæ зæрдæ сын загъта ноджы уæлдæр бæрзæндтæм схизын. Бирæтæ дзы ныр цалдæргай азты архайынц сæ наукон куыстытыл.