Беслæны базилдзысты æфсæнвæндаджы вокзалы фæзуатмæ
Уæрæсейы æфсæнвæндæгты разамынд фæнд кæны Беслæны æфсæнвæндаджы станцæйы фæзуатмæ бæстонæй базилын. Куыстытæ æххæст кæндзысты 2 къæпхæнæй. Фыццаг уал баивдзысты асфальт, сараздзысты фистæгæйдзæуæн фæндæгтæ, сæвæрдзысты ног бордюртæ, æрлæууæн бынæттæ æмæ нырыккон рухсдæттæн системæ. Уый фæстæ рахиздзысты куыстыты дыккаг хаймæ. Базилдзысты вокзалы цы цыртдзæвæн ис, уымæ. Уыдзæн ын сæрмагонд рухсытæ. Йæ цуры та сæвæрдзысты бандæттæ æмæ бырондæттæ. Сергей Меняйло йæ телеграм-каналы куыд фæнысан кодта, афтæмæй фæзуатæн уыдзæн нырыккон хуыз. Куыстытæ сæххæст кæндзысты афæдзы кæронмæ.