Суададжы культурæйы хæдзары ацыд модæйы бонмæ баст мадзал

Афтæ аив æмæ ирдæй Суададжы культурæйы хæдзары сбæрæг кодтой Рæсугъддзинады æппæтадæмон бон. Мадзалы архайдта 40 сывæллонæй фылдæр æгас Алагиры районæй. Сæ разамонджытæ æмæ ныййарджытимæ иумæ бацæттæ кодтой модæты равдыст. Къабаты алы хуызтæ дисы 'фтыдтой. Конд та уыдысты алыхуызон æрмæджытæй. Сæ саразынæн рæстæг æмæ хъару дæр гыццыл нæ бахъуыд. Сырх гауызыл сæ æцæг модельты хуызы бавдисын та куыд хъуамæ нæ фæцыдаид сывæллæтты зæрдæмæ. Саби чызджы бафæндыд хъуыстгонд модельер суæвын, æмæ йын бантыст. Ахæм уыд модæты равдысты сюжет. Мадзал бацæттæ кæныны хъæппæрис та разынд Суададжы культурæйы хæдзары кусæг Брытъиаты Зæринæмæ. Ахуыр кæны республикон культурæйы колледжы. Йæ дипломон куыст хуымæтæджы не сбаста ацы темæимæ. Бафæндыд æй уый 'руаджы сывæллæттæн бамбарын кæнын, рæсугъддзинад бирæвæрсыг кæй у, стæй сæм чысылæй цы бæллицтæ ис, уыдонмæ æнæмæнг тырнын кæй хъæуы. Дæнцæгæн æрхаста йæ равдысты сæйраг хъайтары. Мадзалмæ саккаг кодтой æрмæст Суададжы цæрджытæ нæ, фæлæ ма æгас районы минæвæрттæ дæр. Уæдæ сывæллæттæн та уæлдай цымыдисаг æмæ хъæлдзæг бæрæгбон рауад. Уыдоны зæрдæтæ балхæнынæн та, куыд зонæм, афтæмæй бирæ нæ хъæуы. Мæт дæр тынг кодтой. Афтæ сæм каст, цыма бæрзонд модæйы къуырийы архайынц Миланы. Æнæмæнг зæгъæн ис æмæ фæныфсджындæр сты. Стæй ахæм культурон цаутæй та сæ миддуне кæны хъæздыгдæр æмæ рæсугъддæр.

Иконка канала IRYSTONTV
1 344 подписчика
12+
107 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии