300 курдиатæй фылдæрмæ æркастысты Цæгат Ирыстоны адæмы бартæ хъахъхъæнæджы аппараты
300 курдиатæй фылдæрмæ æркастысты Цæгат Ирыстоны адæмы бартæ хъахъхъæнæджы аппараты. Баст уыдысты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн æххуысы мадзæлттимæ. Ивгъуыд азæн хатдзæгтæ скодтой экспертон советы уæнгтæ. Æмбырд ацыд Цгъойты Тамерланы разамындæй. Профилон ведомствæйы разамонæг æрвылазон раныхасы рæстæг фæнысан кодта, 2023-æм хуымæтæг кæй нæ уыд, уый. Архайынц уацайрæгты баивыныл æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл. Ныридæгæн уый фæдыл республикæйы хицауадмæ арвыстой нæ æфсæддонтæ æмæ сæ хæстæджыты реабилитацийы фæдыл комплексон программæ. Курдиæтты 'хсæн пенсийы фарстатæ дæр. Архайынц цæрæнуæттимæ баст фарстатæ аиуварс кæныныл дæр.