Æфсæддон цæттæдзинадæй ерысты финал ацыд цæгат Ирыстоны
Сывæллæттæн хъæугæ зонындзинæдтæ бацамонын. Цæгат Ирыстоны ацыд райдиан æфсæддон цæттæдзинады ерысты финал. Æвзонг фæсивæд тох кодтой Сергей Меняйлойы лæвæрттæ рамбулыныл. Сæргълæууæг йæхæдæг дæр уыд ерысты бынаты. Федта, цавæр уавæртæ сарæзтой лæппутæн, стæй фæнысан кодта, æфсæддон фæтк скъолаты дæр парахат кæнын кæй хъæуы, уый. Ам сæйрагдæр у уый, æмæ сывæллæтты Фыдыбæстæ уарзын кæй ахуыр кæнынц. Дзæуджыхъæуы æмæ рееспубликæйы районтæй скъоладзаутæ ерыс кодтой æртæ алыхуызон здæхтмæ гæсгæ. Хæцæнгарзæй æхсын, физикон цæттæдзинад æмæ фыццаг медицинон æххуыс бакæнын. Архайджытæ сæ кармæ гæсгæ уыдысты 14-æй 17 азы онг. Сæ спортивон цæттæдзинад сбæлвырд кæнын кæй фæндыд, уыцы фæсивæд уыдысты 2000 адæймагмæ 'ввахс. Уыдонæй ерысты бацархайынмæ сæрмагонд æвзæрстытæ ацыдысты æрмæст 130 адæймаджы. Бацæттæ сæ кодтой ахуырадон центр "Авангард"-ы инструктортæ. Фыццаг бынат бацахстой Црауы скъолайы ахуырдзаутæ. Дыккаг бынаты сты Дзæуджыхъæуы Ирыстойнаг зылды лæппутæ. Æртыккæгтæ та сисы Алагиры 4-æм скъолайы ахуырдзаутæ. Хуыздæр командæтæн балæвар кодтой дипломтæ, кубоктæ, майдантæ æмæ сертификаттæ парашютимæ рагæпп кæнынæн, стæй планерыл атæхынæн.