Нары цæуынц æхсæнадон фæзуат аивгæнæг куыстытæ
Ахæм рæсугъд бынæттæ адæймаджы дисы 'фтауынц. Нæ алæмæты æрдз æмæ хæхтæ бацагайынц миддунейы æрфытæм. Чысыл хæххон хъæу Нар зындгонд у канд нæ республикæйы нæ. Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстадæн стыр аргъ чи кæны, уыдон Нармæ цæуынц æппæт дунейæ дæр. Алкæйы дæр фæнды зындгонд фыссæджы райгуырæн бынат бабæрæг кæнын, фенын Къостайы хæдзар, базонын ын йæ царды тыххæй. Ацы аз та хæххон цымыдисаг бынаты фæзындзæн æмбæлгæ уавæртæ. Рацарæзты фæстæ хъæуæн райдайдзæн йæ ног цард. Ам уыдзæн æнæнхъæн комплекс республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæн. Ныртæккæ дзы куыстытæ сты сæ тæмæны. Ацы рацарæзты руаджы бантысдзæн туристты нымæц республикæйы фылдæр кæнын. Объекты проектмæ гæсгæ сæйрагдæр у алцыдæр иу хуызмæ гæсгæ саразын. Уыимæ хæххон ландшафт ма бафхæрын. Уый та æнцон хъуыддаг нæу. Нар банымадтой историон хъæуыл. Уымæ гæсгæ проектмæ ивддзинæдтæ специалисттæ бахастой цалдæр хатты. Фарон Нар сси "Горæты æнцонвадат уавæртæ аразыны" Æппæтæуæрæсеон конкурсы уæлахиздзау "Историон хъæу", зæгъгæ, номинацийы. Комплексы арæзтадæн рахай кодтой 64 милуан сомы. Проект у егъау. Фæндæгтæ, тротуартæ, рухсдæттæн системæ, фæлладуадзæн бынæттæй уæлдай ма ам фæзындзæн туристон центр. Уазджытæн дзы фадат уыдзæн æгас Цæгат Ирыстоны цымыдисаг объекттыл экскурси баххуырсынæн дæр. Ам ма сараздзысты аренæ 300 бынатæн. Сæ постановкæтæ дзы æвдисдзысты бæхты театр "Нарты". Комплексæй Къостайы хæдзар музейы онг та ам сараздзысты ауындзгæ хид. Хæххон хъæу Нар йæхимæ лвасы туристты æгас бæстæйæ дæр. Ам уæвгæйæ адæймаг цыма ивгъуыдмæ абалц кæны, афтæ йæм фæкæсы. Банкъары ирон адæмы цардыуаг æмæ æгъдæуттæ.