Дыгуры районы зилын райдыдтой æхсæнадон бæстыхаймæ
Уый тыххæй йæ телеграм-каналы хъусын кæны Сергей Меняйло. Æнцонвадат æмæ нырыккон бæстыхай фæзындзæн Тогойты Даниилы уынджы. Проект аразгæйæ, фылдæр цæстæнгас аздæхтой бинонтæн зæрдæмæдзæугæ улæфæн бынат саразынмæ, цæмæй ныййарджытæн сæ сывæллæттимæ сæ уæгъд рæстæг æрвитынæн уа сабыр æмæ дзæбæх бынат. Стæй ма, кæй зæгъын æй хъæуы, хъыгдард æнæниздзинадимæ адæмæн дæр хъуамæ уа æмбæлгæ фадæттæ. Бæстыхайы аразынц фистæгæй æмæ велосипедтыл цæуынæн фæндæгтæ, спортивон æмæ сывæллæтты хъазæн фæзтæ, тренажертимæ бынæттæ, бандæттæ. Рухсгæнæнтæ дæр сног кæндзысты, фæзындзæн дзы хæдтулгæтæ æвæрæн бынæттæ, видеоцæстдарды æмæ æдасдзинады системæтæ. Куыстытæ арæзт цæуынц национ проект «Жилье и городская среда»-мæ гæсгæ. Хъуамæ фæуой ацы аз.