Цæгат Ирыстоны 20 мин сывæллоны фылдæр баулæфыдысты сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампанийы фæлгæты
Сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампанийы фæлгæты баулæфыдысты 20 322 сывæллоны. Сарæзтой сын дæсгай профилон æмæ тематикон сменæтæ, равдыстытæ, экскурситæ æмæ дæсныйадæвдисæн ахуыртæ. Уый тыххæй йæ ТГ-каналы фехъусын кодта Сергей Меняйло. Сæргълæууæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы аз уæлдай æргом аздæхтой царды зын уавæрты чи бахауд, уыцы фæсивæдмæ, уæлæмхасæн социалон æххуыс кæмæн æмбæлы æмæ Сæрмагонд æфсæддон операцийы бинонты сывæллæттæм. Æртæ мæйы дæргъы республикæйы куыстой 168 организацийы. Ныхас цæуы фæсгорæты боныгон уæвыны дзæбæхгæнæн фæзтæ æмæ лагерьтыл. Алы ран дæр дохтыртæ-диетологты амынддзинæдтæм гæсгæ, снысан кодтой хъæздыг æмæ пайдайаг аходæнтæ. Ацы хæрдзтæн республикæйы бюджетæй радих кодтой 240 милуан сомы.