Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд аппаратон æмбырд
17 милуан сомæй фылдæр хъæуы Мæздæджы районы æрдзон фыдбылыз цы зиан æрхаста, уый фæстиуджытæ аиуварс кæнынæн. Уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон æмбырды. Тæрккъæвдатæ æмæ тыхджын дымгæйы аххосæй æнæ рухсæй баззадысты 42 мин цæрæджы. Ныртæккæ электрон тых кæцыдæр хæййты ногæй фæзынд, цы бæлæстæ акалдысты, уыдон горæты уынгтæй айстой. Районы дарддæр нысангонд у æнæнхъæлæджы уавæры фæтк. Ныхас ма цыд уадзæн пункт Уæллаг Ларсы уавæрыл. Транспорты 1450 иуæджы æнхъæлмæ кæсынц арæны сæрты ахизынмæ, уыдонæй 980 сты сæрмагонд лæууæн бынæтты. Къуыримæ пункты сæрты ацыдысты 30 мин хæдтулгæйæ фылдæр. Уæлдай æргом аздæхтой æнæзакъон бырондæттæм. Фæстаг рæстæг раиртæстой 52 ахæм бынаты, уыдонæй 41 ныридæгæн скуынæг кодтой. Сергей Меняйло бабар кодта, ацы фарстамæ уæлдай æргом аздахын. Ныхас ма цыд регионы ахсджиаг объектты арæзтадыл. Бæлвырдæй æрдзырдтой Беслæны Окружная уынджы парчы арæзтадыл. Дзуапдæттæг министрад раиртæста нысангонд куыстытæ афонæй фæстæдæр кæй рæвдз кæнынц, уый. Сергей Меняйло хицауады уæнгты размæ сæвæрда хæс фарста хæстæгдæр рæстæг аиуварс кæнын.