Хойраджы комбинат бакуыста скъолаты ног менюйыл

Хъарм æмæ хæрзад аходæныл сабиты æнæмæнг бацин кæнынц. Сæ хæринаггæнджытæ дæр сын æхсызгонæй лæггад кæнынц. Сывæллæттæ та пайдайæн æмæ адджынæн хæрынц. Ацы аз хæринæгты хыгъдмæ бахастой ногдзинæдтæ. Менюйы ис насы хъæрмхуыпп æхсыры сæртимæ, карчы дзидзайæ, стæй хъæдур æмæ æнгузимæ хæринæгтæ, карчы фыдæй котлеттæ насимæ æмæ ма æндæр ног хæринæгтæ. Сабитæй бирæтæ баззайын скъолайы фæсурокты дæр, вæййынц алыхуызон къордты, уымæ гæсгæ сæ хъæуы скъолайы бахæрын пайда æмæ хæрзад хæринаг. Уыцы лыстæгдзинæдтæ хынцгæйæ арæзт æрцыд хæринæгты хыгъд дæр. Уыимæ ма бацархайдтой цæмæй сабиты зæрдæмæ фæцæуой. Тынг æхсызгон у, меню куыд арæзт у, уый. Ис дзы æппæт хъæугæ пайда витаминтæ, сывæллæттæн цас æмбæлы, уыййас. Куыд ныййарæг, стæй куыд нутрициолог, афтæ мæ бон зæгъын у, разы кæй дæн хæринæгты хыгъдæй, стæй сæ хæрзхъæддзинадæй дæр. Специалисттæ æппынæндзух архайынц хæринаджы хæрзхъæддзинадмæ цæст дарын. Хойраджы комбинаты архайы санитарон-технологон хайад. Кусынц дзы технолог, дохтыр æмæ цæстдарæг. Бæрæг кæнынц хойрæгты хæрзхъæддзинад. Уыимæ кæсынц хæринаг цы уавæрты цæттæ кæнынц, уый. Лæвар хъарм хæринагæй гимнази "Диалог"-ы исынц райдиан кълæсты ахуырдзаутæ се 'ппæт дæр. Сабитæ сты 1123. Ацы ахуыры азæй та ма лæвао хæрд исдзысты кадетон кълæсты ахуырдзаутæ æмæ сæ ныййарджытæ сæрмагонд æфсæддон операцийы кæмæн архайынц, уыдон.

Иконка канала IRYSTONTV
1 344 подписчика
12+
5 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии