Сергей Меняйлойы разамындæй ацыд аппаратон æмбырд
Уæллаг Зджыды амбулаторийы цæуынц цалцæгæнæн куыстытæ. Мæйы дæргъы кæронмæ æрхæццæ уыдзысты. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта Сергей Меняйло. Регионы разамонæг бабар кодта медицинон пункт сифтонг кæнын æппæт хъæугæ медицинон кусæнгæрзтæй. Республикæйы боныгон стационарты æхснырсæгæй дзæбæх кæнынц 49 сывæллоны. 84 мин адæймагæй фылдæр ацыдысты диспансеризаци æмæ 16 мины та — профилактикон æркаст. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Улахизы боны фæстæ уыдзæн бирæ фæлладуадзæн бонтæ. Уымæ гæсгæ, адæм бирæгæйттæй кæм æмбырд кæндзысты, уыцы бынæтты барадхъахъхъæнджытæ æмæ районты разамонджытæ æххæст кæндзысты æдасдзинады домæнтæ. Æрдзырдтой ма Дзæуджыхъæу æмæ дæрддзæф хъæуты санитарон уавæрыл. Сергей Меняйло бабар кодта æрдзон министрадимæ иумæйагæй снысан кæнын арæзтадон быронæн хицæн фæзуат. Цæмæй æппæт аразджытæ дæр бырон уырдæм ласой. Ныхас ма цыд бирæфатерон хæдзæрттыл дæр.