Цæгат Ирыстоны бабрæг кодта Уæрæсейы хъахъхъæнынады министры хæдивæг Анна Цивилева
Анна Цивилева ма бабрæг кодта Беслæны мемориалон комплекс "Зæдты сахар" æмæ æрæмысыд теракты амæттæгты. Санаторий "Осетия"-йы та Уæрæсейы хъахъхъæнынады министры хæдивæг федта сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн сæ реабилитаци куыд цæуы, уый, стæй Дзæуджыхъæуы æфсæддон госпиталы уавæртæн дæр аргъ скодта. Йæ кусæг балц нæ республикæмæ фæци "Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ" фонды филиалы æмбырдæй. Архайдтой ма дзы республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Платы Альбинæ , сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ æмæ "Беслæны мадæлты" комитеты уæнгтæ. Ныхас та кодтой цалдæр темæйыл: сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ сæ бинонтæн æххуыс, хъæууон хæдзарады рæзт æмæ 2004-æм азы теракты хъыгдард чи баййæфта, уыдоны реабилитацийы фарстатæ.