Федор Целиди рамбылдта бронзæ майдан Парижы сæрдыгон Олимпаг хъазтыты

Хæдзары фарн бирæ у. Парижы Олимпиадæйы призер Федор Целиди фидарæй снысан кодта йæхи райгуырæн зæххыл кæй цæттæ кæндзæн, уый. Цæгат Ирыстонæй рацæуæг хъæзтыты уыд Грецийы иугонд командæйы минæвар. Æртыккаг бынатыл тохы рамбылдта Тристан Мосахлишвилийы. Хъуыстгонд дзюдоистимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд. Рингы архайгæйæ Федор Целидийы алы фезмæлдмæ дæр лæмбынæг кæсынц æвзонг лæппутæ, архайынц йæ фæстæ сфæлхат кæныныл. Уыдон дæр бæллынц олимпаг хъæзтыты архайынмæ, республикæйы кад бæрзонд сисынмæ. Федоры æнтыстдзинад сæ разæнгард кæны, дæтты сын ныфс. "Большой шлем"-ы Федор куы фæуæлахиз, уæд дунеон рейтинджы бацахста 15-æм бынат. Афтæмæй йæхицæн байгом кодта Олимпиадæмæ фæндаг. Тренировкæтæ ноджы фæкарздæр сты, программæмæ дæр уыд æндæр. Æрмæст сæрмагонд фæткæвæрд, цалдæргай сахаттæ залы. Спортсмен йæ бæллицмæ цæугæйæ, йæ хъару не 'вгъау кодта. Æмæ разынд раст. Йæ тренер — Цæгæраты Хъазыбег æй разæнгард кодта. Уарзон зал, тренировкæтæ, Сапицкийы парчы дугъ æмæ дисциплинæ. Парижы та сæйрагдæр уыд æппæт тыхтæ æрæмбырд кæнын. Спортсмены ныхæстæм гæсгæ, архайдта хъуыды кæнын, цымæ хуымæтæг ерыстæ сты, афтæ. Æвæццæгæн, æмæ уыцы хъуыддаг баххуыс ерысты миддунейы тыхстыл фæтых уæвын æмæ хи равдисын. Бронзæ майдан кæй райста, уый йæм хъаргæ дæр нæ кодта. Ныртæккæ Федорæн ис фæлладуадзæн рæстæг. Тренер ын радта рæстæг дыууæ-æртæ мæйы, цæмæй та ногæй тренировкæтæ райдайой. Йæ сæйраг нысан ныр — æрмæст дæр Олимпаг сызгъæрин майдан.

Иконка канала IRYSTONTV
1 347 подписчиков
12+
90 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии