Дзæуджыхъæуы ацыд интеллектуалон хъазт "Большой киноквиз"
"Мозгобойня - Большой киноквиз", зæгъгæ, цымыдисаг интеллектуалон хъазт ацыд Дзæуджыхъæуы. Ерысты уыд 7 туры æмæ 47 фарсты. Баст уыдысты дунеон кинонывтимæ. Мадзалы архайдтой журналисттæ, политиктæ, амалхъом адæм, артисттæ, спортсментæ, æмæ æндæртæ. Æдæппæтæй 20 командæйы, 120 архайæджы. Уæлахиздзаутæн радтой лæвæрттæ. Аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæйрагдæр уыд архайджыты 'хсæн хæлардзинад апарахат кæнын, ерысты цымыдисдзинад банкъарын æмæ рæстæг хъæлдзæгæй арвитын.