Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ доны объектты рæзы фыдбылызты нымæц

Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады статистикæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ июны фæстаг дыууæ къуыримæ бæстæйы цадты фæдæлдон 86 сывæллоны. Афæдзы райдианимæ абаргæйæ уый у зынгæ фылдæр. Уавæры сæйраг аххосаг у кæм не 'мбæлы, ахæм бынæтты кæй найынц сæхи, уый. Специалисттæ сидынц адæммæ, ууыл хъуыды кæнын. Æмæ фæллад уадзын æрмæст сæрмагонд æмæ æдас бынæтты. Нæ республикæйы ис 8 донбылнайæны. Фæйнæ 3-йы Дзæуджыхъæуы æмæ Мæздæджы, иу объект Горæтгæрон районы, иу та ма Алагиры. Рад дзы хæссынц хъахъхъæнджытæ, бахъуаджы рæстæг сты цæттæ æххуыс кæнынмæ. Уæлдай тæссаг у хæххон цæугæдæтты. Ирвæзынгæнджытæ сидынц адæммæ, цæмæй æххæст кæной æдасдзинады домæнтæ. Донмæ нозтхъæстæ йæ ма хизой. Уыимæ тæссаг у арф баленк кæнын дæр. Зæрдæ дарæн нæй хъæхъхъæныны сæрмагонд гæрзтыл æмæ дзауматыл. Кæд æмæ адæймаджы цур æрцыд æнæнхъæлæджы цау, уæд хъæуы æвæстиатæй æххуысмæ бадзурын.

Иконка канала IRYSTONTV
1 360 подписчиков
12+
10 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии