Нывкæнæнады училищæйы студенттæ Хетæгкаты Къостайы хæдзар-музейæн балæвар кодтой сæ куыстытæ

Алы хаххы дæр - поэтмæ уарзондзинад. Сабидуг, æрыгон бонтæ æмæ сфæлдыстад. Студенттæ бакуыстой Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад равдисыныл. Мæнæ ам йæ райгуырæн хъæу - Нар, ам та йæ цæрджытæ, уæлдæр та йæ мады портрет. Нывы бын та ирон литературæйы бындурæвæрæджы зындгонд рæнхъытæ. Уыдон æвдисынц Къостайы миддуне. Ам алы лыстæгдзинадыл дæр студенттæ лæмбынæгæй архайдтой. Бахъахъхъæнын кæй нæ бантыст, уыцы аргъуан студенттæ сног кодтой. æмæ дзы цыма ног уддзæф фæзынд. Систой архивтæ, сæ ахуыргæнæгимæ иумæ уыдысты бынаты. Ныртæккæ дзы ницыуал баззад, зæгъы проекты автортæй иу Пагæты Эллинæ. Сбарстой алы дур дæр æмæ йæ сног кодтой йæ æцæг асмæ гæсгæ. Сарæзтой йын быру дæр, стæй рухсытæ. Нары Дзуары аргъуанæн сног кодтой йæ фыццаг хуыз, афтæ зæгъæн ис. Ацы бынаты, 10-11-æм æнусты рагон чырыстон аргъуаны Хетæгкаты Къоста райста аргъуыд. Гагкоты Дзерассæмæ та йæ сабибонтæй фæстæмæ згъримæ архайынæй хуыздæр ницы каст. Æмæ уый диссаг нæу. Йæ фыд дæр æфсæйнагимæ куыста. Арæх иу уыд йемæ æрмадзы. Йæ дипломон куысты бавæрдта йæ уды иу хай. Педагогтæ дзы тынг æппæлынц. Тынг бæстонæй бацархайдта чызг. Сарæзта 19 æнусы цы стъæлттæ уыд, ахæм. Æппæт куыстытæ дæр бацыдысты Хетæгкаты Къостайы мемориалон хæдзары экспозицимæ. Бахæсдзысты ма сæ Национ музейы фондмæ дæр. Студентты лæвæрдтæн аргъ нæй. Зæрдæ бавæрдтой, фидæны дæр ма сын кæй сараздзысты сфæлдыстадон куыстытæ. Сæйраг хæстæй иу - ирон адæмы культурæ бахъахъхъæнын. Проектты разамонджытæ æмæ педагогтæ тынг разыйæ баззадысты сæ студентты куыстытæй. Стыр æргом ма здæхт цæуы Нарты Кадджытæм, ирон фысджыты æмæ поэтты сфæлдыстадмæ. Нывкææнынады училищæ æмæ Хетæгкаты Къостайы хæдзар музей архайынц иумæйаг мадзал саразыныл. Бацæттæ кæндзысты Къостайы юбилеймæ равдыст. Уыдзæн дзы 30 куыстæй фылдæр. Студенттæ сæ темæтæ ныридæгæн зонынц æмæ цæттæ кæнынц эскизтæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 344 подписчика
12+
30 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии